Дзанайты Барис æмæ Иван Советников æрдзырдтой республикæйы хъæды хæдзарады фарстатыл
Цæгат Ирыстоны бахастой, 2022-æм азы хъæды хæдзарады æнтыстджын куыст чи бакодта, уыцы 10 регионы 'хсæнмæ. Ахæм аргъ ын скодта Уæрæсейы хъæды хæдзарады федералон агентад. 2021-æм азимæ абаргæйæ республикæ схызт 24 къæпхæны уæлдæр. Ахæм бæрæггæнæнтæ къухы бафтыдысты хъæдтæ зынгсирвæзтытæ æмæ рынтæй хъахъхъæнынады руаджы. Ацы æмæ къабазы æндæр ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ хъæды хæдзарады федералон агентады разамонæг Иван Советниковы фембæлды рæстæг. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы разамонæг Сергей Меняйло бабар кодта ацы къабазы дарддæр алывæрсыг куыст кæнын. Уымæй уæлдай ма, Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы паддзахадон программæ "Хъæды хæдзарады райрæзт". Рæзын кæнынц хъæды фæзтæ, хъахъхъæнынц сæ зынгсирвæзтытæй æмæ, æвзæрырдæм сыл чи ахады, ӕндӕр ахæм æууæлтæй. Иван Советников куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæ æвдисы хорз бæрæггæнæнтæ. Ноябры та субъект хаст æрцæудзæн хъæды федералон паддзахадон информацион системæйы комплексмæ. Цæмæй архайд нымæцон хуызмæ хаст æрцæуа, уый тыххæй кусджытæ ацæудзысты сæрмагонд ахуыртæ. Ныхас ма цыд хъæды уавæрæн аргъ кæнынады куыст æмæ йæ хъахъхъæнынадæн цы техникæ хъæуы, уыдоныл. Абон регионы ис 300 сæрмагонд фæндагæй фылдæр цæстдарынмæ. Сæ дæргъ у 3,5 км бæрц. Дзанайты Барис фæнысан кодта, республикæйы хъæдты иумæйаг фæзуат кӕй у 240 мин гектары, 38 дзы сты, уæлдай хъахъхъæд чи цæуы, ахæм æрдзон территоритæ. Паддзахадон программæйы фæлгæты ацы къабазы куыстæн ацы аз рахай кæндзысты 90 млн сомы. Ацы фарстайы регионæн Уæрæсейы хъæды хæдзарады цæстдарды управлениимæ куыст у уæлдай ахсджиаг.