Кæфтытæ - рельсытыл
Дзæуджыхъæуккаг студенттæ хонгæ кафты сæкъæхтæ `рсагътой поезды вагоны. Видеоæрмæджы куыд уынут, афтæмæй фæсивæд рæсугъдæй се 'уæнгтæ исынц поезды нарæг ацæуæны. Æнæнхъæлæджы артисттæн аккордеоныл ацагъдтой се 'рдхæрдтæ. Хæдахуыр концертмæ кæсджытæ систы поезды цæуæг республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Цымыдисаг кафт уайтагъд социалон хызты апарахат. Дыууæ бонмæ йæм бакастысты 10 мин адæймагæй фылдæр. Интернетæй пайдагæнджытæ раппæлыдысты фæсивæды аив кафтæй видеоæрмæджы бын комментариты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кæфтытæ - рельсытыл
Категория:
Новости и СМИ