Хæдбар тетар «Фирс»-ы къорд Дзæуджыхъæуы равдыста спектакль «Чайка»
Хæдбар Мæскуыйаг театр «Фирс» Цæгат Ирыстонмæ сласта цалдæр спектаклы. Аивадуарзджытæ сценæйыл фендзысты Островскийы «Гроза», «Потерянное время» аргъау æмæ Чеховы «Чайка». Режиссертæ Евгений Безбог æмæ Александр Мурити. Актерты 'хсæн та не 'мзæххонтæ дæр. Спектаклы размæ цæттæгæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Театрдзаутæ базонгæ уыдзысты дыууæ заманимæ. Равдисдзысты сын рæстæджы бастдзинад. Дунейы зындгонд драматургты пьесæ нырыккон цæстæнгасимæ. Адæймаджы зын хъысмæт, йæ бон йæхи царды ссарын кӕмӕн нæу, фæсмон кæны йæ æрыгон бонтыл. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты сценæйыл пьесæ «Чайка» равдыста мæскуыйаг хæдбар театр «Фирс»-ы труппæ. Къордæн бантыст аивадуарзджыты сцымыдис кæнын, мидис раст рахæссын. Актерты 'хсæн ирон фæсивæды минæвæрттæ дæр. Сурæт раргом кæнын хатгай уайтагъд нæ рауайы. Фæлæ хъайтары удыхъæд бамбарынæн актертæ бæстонæй бакусынц. Чеховы уацмыс бирæ хæттыты æвæрд æрцыд алыхуызон театрты. Цы ма дзы ис ногдзинадæй баххæсæн? Режиссер Муриты Александрæн бантыст спектакль сдиссаг кæнын. 7 азмæ театр «Фирс»-æн фæзынд йæхи театрдзаутæ. Фыццаг хатт пьесæ равдыстой Мæскуыйы. Хæрз æрæджы та Дзæуджыхъæуы. «Чайкæйæ» уæлдай ирон сценæйыл - Островскийы «Дамы. Ведьмы. Собачки», «Гроза» æмæ «Потерянное время» аргъау. Театры гастролтæ ахæсдзысты Хуссар Ирыстоны. Актерты ныфс ис зындгонд классикæмæ театрдзауты ног хуызы æнкъарæнтæ райхалын.