Дзанайты Барис бабæрæг кодта Алагиры районы куыстуæттæ
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта Алагиры районы куыстуæттæ. Премьер федта агрокомплекс «Берёзка», Алагиры завод æмæ куыстуат «Владка». Разамонæджы базонгæ кодтой кондады процесстимæ æмæ радзырдтой, куысты цы къуылымпытимæ æмбæлынц, уый тыххæй. Макетыл фенæн ис, холдинг «Мастер-Прайм. Березка»-йӕн фидæны цы ног фермæ фæзындзæн, уый. Алагиры районы 20 гектары фæзуатыл æрбынат кæндзæн æхсыры кондады куыстуат. Ныридæгæн ӕй аразын райдыдтой. Сæрæзтой уал дегустацийы зал. Уым цæттæ продукцимæ ӕркӕсыны фадат уыдзæн алкæмæндæр. Фермæ уыдзæн нырыккон технологитæм гæсгæ арæзт. Куысты фылдæр хай æххæст кæндзысты роботтæ. Фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ фермæйы кусæн бынæттæ нæ уыдзæн. Инвестицион проектмæ гæсгæ дзы сараздзысты 100 бынаты. Куыстуат бабæрæг кодта республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Ныртæккæ дзы ис французаг хъуццыты мин сæры. Премьеры хъуыдымæ гæсгæ, фæлтæрдджын фермертæ хъуамæ æмгуыст кæной, ӕрӕджы чи райдыдта уыцы куыст кæнын, уыдонимæ. Премьер ма бабæрæг кодта куыстуат «Владка» дæр. Ныридæгæн дзы сæмбырд кодтой фæткъуыты 2 мин тоннæйы. Канд хæрзхъæд продукцийыл нæ архайынц ам, фæлæ ма кусæн бынæттæй ифтонг кæнынц районы цæрджыты. Алагиры заводы кусынц резистортыл. Пайда дзы кæнынц гӕрзифтонг системӕты. Ифтонг кæнынц Уæрæсейы хъахъхъæнæн æмæ промышленнон комплексы 50 куыстуаты. Заводы генералон директор Сопойты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ сӕ куысты ис къуылымпыдзинӕдтӕ. Сӕ сӕйрагдӕр у, металлты аргъ зынгæ кæй фæуæлдæр, уый. Заводы кусæнгæрзтæ хъæуы сног кæнын. Фарстайыл кусы республикæйы промышленность æмæ траспорты министрад. Премьер ма федта Алагиры моладзандоны цур фæз. Объект сси æппæтуæрæсеон æркасты уæлахидзау. Уый руаджы бынат снывыл кæндзысты. Фæзындзæн дзы хъазæн фæзтæ, кафетæ æмæ сæрдыгон кинотеатр. Кусæг балцы кæронбæттæны Дзанайты Барис районы хицауад æмæ дзуапдæттæг ведомствотæн бахæс кодта Алагиры районы райрæзты моделыл бакусын. Цæмæй дзы пилотон хуызы дарддæр спайда кæной республикæйы иннæ районтæ дæр. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv