Азербайджаны делегаци ссыд Цæгат Ирыстонмæ
Азербайджаны делегаци ссыд Цæгат Ирыстонмæ
Цæгат Ирыстонмæ ссыд Азербайджаны делегаци. Сæ балцы сæйраг нысан Фыдыбæстæйы Стыр хæсты се 'мзæххонтæй Иры зæххыл чи фæмард, уыдоны нæмттæ æрæмысын. Бабæрæг кодтой Мемориал «Братьям-азербайджанцам» æмæ мемориалон комплекс «Барбашовы фæз». Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг нæ республикæйы тохты архайдтой Азербайджаны 40 мин цæрæджы. Сæрмагонд æмбырды рæстæг сыхаг бæстæйы минæвæрттæ æмæ регионы разамынд дзырдтой дыууæ адæмы хатты 'хсæн хæлардзинад парахат кæныныл. Фембæлды кæронбæттæны та арæзт æрцыд концерт.