Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны `хсæн арæнхъахъхъæнджыты нымæц фæфылдæр
Хуссар Ирыстонæй хабæрттæ. Паддзахадон æдасдзинады комитет куыд хъусын кæны, афтæмæй Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ арæнтыл сæ архайд фæкарздæр кодтой. Цхинвалы районы, Гром хъæумæ ввахс, Гуырдзыстоны тыхы структурæтæ рахызтысты бынат сгарынмæ. Уыимæ, цæттæ кæнынц ног цæстдардæн пункттæ æмæ блок-посттæ сифтонг кæнынмæ. Арцу хъæуы цур та, Гуырдзыстоны арæнты ’рдыгæй хицауад фæфылдæр кодта радхæссæг хахъхъæнджыты нымæц. Уыдысты 8 адæймаджы, ныр та 40. Бынатмæ ма æрбатардтой æфсæддон хæдтулгæтæ дæр. Ахæм уавæр ис Горийы `рдыгæй дæр. Уым цы блок-посттæ ис, уым дæр æфсæддонты нымæц дыууæ хатты фæфылдæр. Хъæу Хурвалетийы аразын райдыдтой Пъæлицæйы пост. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны `хсæн арæнхъахъхъæнджыты нымæц фæфылдæр
Категория:
Новости и СМИ