Кæлæддзаг хæдзæрттæ æнæхъæнæй уыдзысты халинаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Кæлæддзагыл цы хæдзар банымайой, уый æнæхъæнæй дæр нымад у халинагыл. Ныхас цæуы йе ’ппæт бæстыхæйттыл дæр. Уый тыххæй Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев бафыста сæрмагонд бадзырд. Уый хауы аварийон уавæры æмæ ныккæлынвонг чи сты, уыцы бирæфатерон хæдзæрттæм. Хæдзар иу хай куы афаз вæййы, уæд иннæ хайы цæрджытæ арæх нæ фæкомынц тæссаг бæстыхайæ ралидзын æдас цæрæнуатæм. Закъон арæзт у ахæм зæрдæхсаинаг уавæрæй адæмы бахизынæн. Ивддзинæдтæ бахастой хæдзар кæлæддзагыл банымайыны фæткмæ дæр. Бакуыста йыл Уæрæсейы арæзтад æмæ архитектурæйы министрад. Хæдзар цы уавæры ис, уый сбæрæг кæнынæн курдиат бадæттыны бар ис куыд муниципалон скондтæн, афтæ хæдзары цæрджытæн дæр. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ Цæгат Ирыстоны 2025 азмæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивдзысты иу мин адæймагæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Кæлæддзаг хæдзæрттæ æнæхъæнæй уыдзысты халинаг

Категория:

Новости и СМИ