Дриаты Марат федералон программæйы фæлгæты кусын райдыдта Мæздæджы 108 æм скъолайы
Хъæуы æрцæрын æмæ ма милуан сомы райсын. Ахæм гæнæн ис федералон программæ «Земский учитель»-ы фæрцы. Сæрмагонд проекты райрæзтыл кусын райдыдта афæдз размæ. Йæ руаджы хъæуты скъолатæ ахуыргæнджытæй цух нал æййафдзысты. Дриаты Маратæн йæ урок алкæддæр вæййы цымыдисаг. Зын формулæтæ свæййынц хуымæтæг фæлтæрæнты хуызæн. Маратæн физикæ æмæ математикæ уыдысты йæ уарзондæр предметтæ скъолайы. Уæд дӕр æй зыдта фидæны ахуыргæнæг кæй суыдзæн, уый. Ныр йæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæй хай кæны сывæллæттæн. Йæ куысты сæйрагдæрыл нымайы сывæллæтты йæ предметтæм сцымыдис кæнын. Æрмæст уæд бафтдзæн къухы æнтыстдзинæдтæ. Дриаты Марат раздæр куыста Беслæны æмæ Заманхъулы скъолаты. Ацы аз та сси программæ «Земский учитель»-ы архайæг. Ныр Мæздæджы 108 скъолайы у физикæ æмæ математикæйы ахуыргæнæг. Программæ «Земский учитель» æххæстгонд цæуы 2020-ӕм азæй. Йæ архайджытæ бафыссынц контракт 5 азы æмгъуыдмæ. Райсынц 1 милуан сомы. Ацы аз программæйы бацархайдта 16 ахуыргæнæджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv