Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзæртты кæртыты уавæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

Æнцонвадат цард аразыны программæйы фæлгæты нæ республикæйы цалцæг кæнынц æхсæнадон бынæттæ æмæ бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Базилинаг бынæттæ æвзарынц адæм сæхæдæг. Горæты фæлгонцады уавæрмæ æппынæдзух сæ хъус дарынц Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ дæр. Ныр дæр сбæрæг кодтой, Владикавказская æмæ Цоколаты Геннадийы номыл уынгты бирæфатерон хæдзæртты кæртыты уавæр. Эксперттæм разынд фиппаинæгтæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой Владикавказская æмæ Цоколайы фырты номыл уынгты бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты уавæр. Снывыл сæ кодтой ацы аз. Эксперттæм куыстыты хæрзхъæддзинадмæ фиппаинæгтæ разынд. Кæртытæ нывыл кæнынц горæты æнцонвадат царды программæмæ гæсгæ. Йæ фæлгæты зæххыл хъуамæ сӕвӕрой асфальт, бордюртæ, бадæн бынæттæ, бырондæттæ æмæ рухс алы бахизæны сæрмæ. Утӕппӕт куыстытӕ алы хатт æххæстгонд не 'рцæуынц. Æдæппæтæй ацы аз Дзæуджыхъæуы хъуамæ базилой 60 кæртмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv