Хуссар Ирыстоны хицауад, Гуырдзыстонимæ цы быцæу рауад, уыцы хъуыддаг равзарыныл кусы
Хуссар Ирыстоны хицауад, Гуырдзыстонимæ цы быцæу рауад, уыцы хъуыддаг равзарыны куыст кæны. Парламенты депутаттæ æмæ барадхъахъхъæнджытæ фæнд кæнынц республикæйы æмæ Гуырдзыстоны* хсæн арæнмæ абалц кæнын æмæ уавæр хи цæстæй фенын. Ахæм уынаффæ рахастой, иумæйаг æмбырд саразыны бæсты. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй Цънелисы хъæуы Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æнæзакъонæй сарæзтой арæнты пост. Хуссар Ирыстон домы, цæмæй йæ айсой, фæлæ Гуырдзыстон ууыл нæ разы кæны. Цалдæр хатты минæвæртты ‘хсæн рауад быцæутæ. Фæстаг цау - арæнты сæрмæ уæлдæфæй æрæппæрстой Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнджыты коптер. Уавæры тыххæй бæлвырддæр базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй. Спайда дзы кодтам нæ хуссайраг æмкусджыты ист кадртæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны хицауад, Гуырдзыстонимæ цы быцæу рауад, уыцы хъуыддаг равзарыныл кусы
Категория:
Новости и СМИ