Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Хицауады æмбырд

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Хицауады æмбырд. Ныхас дзы цыд президент Владимир Путины ныстуантæ æххæст кæныныл. Уыдонæй иу - Беслæны террористон акты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн æххуысы мадзæлттӕ. Уæдæ материоалон æххуыс кæй хъæуы санаторон-курортон путевкæтæ балхæнынæн, уыдоны нымæц дæр фæфылдæр. Фæзынаргъдæр сты путевкæты æргътæ дæр. Уымæ гæсгæ ацы хъуыддагæн æрвылазон субсидиты бæрц фæфылдæр кæндзысты 57 милуан 500 мин сомы онг. Адарддæр кæндзысты мадзæлтты ӕмгъуыд дæр 2030-æм азмæ. Президент бæстæйы культурæйы министрæн бабар кодта Беслæны æппæтадæмон культурон-патриотон центрмæ сæрмагонд кусæнгæрзтæ балхæнынæн фæрæзтæ ссарын. Сергей Меняйло республикæйы культурæйы министрады размæ сæвæрдта хæс Уæлахизы музеимæ иумæ хъуыддагыл бакусын. Уыимæ экспозици аразыны архайды пълан фæрæвдздæр кæнын. Сæргълæууæг ма Владимир Путинимæ ныхас кодта Мæздæджы районы зæххлæбырдтæй тæссаг рæттæй цæрджыты æдас ран æрцæрын кæныныл дæр.  Уæрæсейы президент ма сразы Сергей Меняйлойы курдиатимæ - фæрæзтæ радих кæнын Ногиры хиды рацарæзтæн. Федералон æххуыс ма бакæндзысты пульмонологийы республикон центры рацарæзтæн дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
31 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии