Цæгат Ирыстоны фылдæр адæм райдыдтой бадминтонæй архайын

Джиоты Моникæ ацы спортмæ æнæнхъæлæджы æрбацыд. Ерысты архайæг уыд æмæ дзы уæлæмхасæн баллтæ лæвæрдтой бадминтонæн. Уый тыххæй райдыдта йæхи фæлварын. Ахуыр кодта теори, раиртæста домæнтæ, сфæлхат кодта хæстцыды зонынад. Æрмæст афтæмæй ис хъазты æнтыстджын уæвæн, - зæгъы чызг. Æмæ афтæ рауад. Бадминтонæй йæ фыццаг турниры сси уæлахиздзау, фæстæдæр та æппæтуæрæсеон къæпхæны райста сызгъæрин. Æппæты кæстæр хъазæгыл цæуы 6 азы, фæлæ ныридæгæн йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Æнæауæрдгæйæ йæхиуыл кусы, бонæй-бонмæ æххæст кæны амындзинæдтæ, цæмæй ацы спорты хуызы æрлæууа раззагдæртимæ. Æппæт лыстæгдзинæдтыл æй ахуыр кæны йæ тренер Скъиаты Æхсарбег. Нæ рухс фидæн, афтæ йæ хоны нæлгоймаг. Къоста æрвылбон æрбацæуы паркмæ хъазынмæ. Лæппу архайы цырд æмæ æнæзивæгæй. Республикæйы фыццаг тренировкæтæ райдыдтой 2013 азы. 10 командæйы æмæ 200 адæймаджы. Алыхуызон ерыстæ æмæ конкурстæ, сывæллæттæ иу мадзал дæр нæ уадзынц. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты кусы бирæ къордтæ. Фæлæ сæйрагдæр хай ис аивæдты лицейы бындурыл. Ам цæуынц бæстон тренировкæтæ. Ног секцитæ гом кæнынц районты дæр. Цыколайы ныридæгæн тренировкæ кæнынц цалдæр къорды. Фæлæ уæддæр бынат се 'ппæтæн нæй. Бадминтонæй архайын кæй фæнды, уыдоны нымæц рæзы. Æхцайы фæрæзтæй нæм куы фæкæсиккой, уæд спорты дæснымæ 10 кандидаты бацæттæ кæниккам, - зæгъы хистæр тренер Скъиаты Æхсарбег. Бадминтон республикæйы хизы ног æмвæзадмæ. Ныртæккæ спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц ерыстæм. Ацы хъуыддаг сын æрмæст спорт нæу, сси сæ царды сæйраг нысан. Республикæ та сын æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсы сæ æнтыстдзинæдтæм.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
19 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии