Цæмæй цæра!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Агъуызарты Астаныл ныртæккæ фондз мæйы цæуы. Куы райгуырд уæд рабæрæг уæззау рынчын кæй у, уый. Бахъуыд æй Мæскуымæ операцимæ ласын. Ныййарджытæм ацæуыны фадат нæ уыд. Æхцайы фæрæзтæй сæ авналæнтæ цыбыр уыдысты. Фæлæ сын чи баххуыс кæна, ахæмтæ дæр разынд. Афойнадыл æххуыс кæй райстой, æмæ æмбæлгæ дохтырты къухмæ кæй бахаудта, уый фæрцы сывæллон фæдзæбæх ис, æмæ чи зоны фидæны йæ низтæ хъуыды дæр маауал`ркæна. Ныхасы бар ме` мкусджытæн. Агъуызарты Олег æмæ Ингæ сæ цард 11 азы размæ баиу кодтой. Хъомыл кæнынц æртæ сывæллоны. Хистæр чызгыл цæуы 9 азы кæстæр лæппу Астаныл та -5 мæйы.Куы райгуырд, уæд ма йæ ныййарджытæй амондджындæр чи уыд. Фæлæ æртæ боны фæстæ ноггуырдмæ рабæрæг кодтой уæззау низ. Хъыгдард у йæ зæрдæ. САбийы уавæр бонæй бон æвзæрдæр кодта. Уылынмæ йæ æвæстиатæй тагъд медицинон æххуыс бахъуыд. Реанимацион хайадмæ бахауд. Дохтыртæ йæм куы æркастысты, уæд рахастой уынаффæ Мæскуыйы йын æвæстиатæй йæ зæрдæйæн операци кæнын кæй хъæуы уый. Сывæллон уæззау рынчын у уый ныййарджытæ куы фехъуыстой, уæд сагъдауæй аззадысты. Катайы бацыдысты. Нæ сæм квотæ уыд , нæ æхцайы фæрæзтæ. Хиуæттæ æмæ сын сыхæгтæ сæ бон куыд уыд афтæ баххуыс кодтой. Фæлæ уый фаг нæ уыдис. Сывæллоны фыд Агъуызарты Олег куыд зæгъы афтæмæй сывæллон аирвæзтис нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы руаджы. Уый хабар куы базыдта, уæд уайтагъд хъæугæ мадзæлттæ сарæзта. Дыккаг бон æнæнхъæлæджы уавæрты хæдтæхæгы сæрмагонд рейс сывæлллоны фæхæццæ кодта Мæскуымæ. Августы мæйы та Астаны ногæй Мæскуымæ аластой. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ йæ йын операци феххуыс. Зæрдæ хуыздæр кусы, фæлæ сæры нырма ис шунт, æмæ йæ кæд айсдзысты, уый бæрæг нæу. Сывæллæтты республикон рынчындоны дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй рынчын сывæллæтты хъæугæ медицинон центртæм арæх не 'рвитынц. Фæлæ сæ хаттæй -хатт уый æнæмæнг бахъæуы - хъæугæ нырыккон кусæнгарзтæ нæ республикæйы куы нæ разыны, уæд. Тыхст рынчынæн сæ бон баххуыс кæнын куы нæ вæййы уæд ын йе"нæниздзинады уавæр бæрæгггæнæг гæххæтытæ, дохтырты арвитынц федералон медицинон центртæм. Уырдыгæй дзуапп куы сырвитынц рарвитут рынчыны зæгъгæ , уæд бацæттæ кæнынц æнæнхъæлæджы уавæрты хæдтæхæг. Семæ ма фæлтæрджын дохтырты къорд дæр. Ацы аз Æнæнхъæлæджы уавæрты сæрмагонд хæдтæхæг федералон медицинон центртæм фæхæццæ кодта 4 сывæллоны. Хæрдзтæ республикæйы бюдджетæй фыст æрцыдысты. Уазиты Зæлинæ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Цæмæй цæра!

Категория:

Новости и СМИ