Æхсæнадон проекты архайджытæ фыдыбæстæйы стыр хæсты ветеранты кадæн æмбырд кæнынц хъусынгæнинæгтæ
«Лица Победы», æхсæнадон проекты архайджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Ветеранты кадæн æмбырд кæнынц хъусынгæнингтæ. Проект аразджытæ – Мæскуыйы, Уæлахизы музей. Мадзал амидингæнджытæ сидынц хæсты архайджыты бинонтæм, цæмæй дунейы алы къуымтæй æрвитой, къамтæ – ветерантимæ баст цаутимæ. Уыимæ ма сæ фыдæлты сгуыхтдзинæдты тыххæй хъусынгæнинæгтæ. Проект арæзт уыдзæн архивы хуызы къамтæй. Уым нысангонд æрцæудзысты милуангай адæмы нæмттæ, хæсты быдыры чи баззад æмæ Фыдыбæстæйы сæраппод йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыдон. Цæрджытæн сæ бон у сæ хиуæтты тыххæй хъæугæ информаци къамимæ баххæсын «Исторический депозитарий.ру»-мæ. Афтæ хуыйны сæ сæрмагонд сайт. Ахæм хуызы проект «Лица победы»-йы бацархайыны фадат се `ппæтæн дæр ис. Уыимæ ма лæвар. Алы къамæн дæр снысан кæндзысты сæрмагонд номыр æмæ бынат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æхсæнадон проекты архайджытæ фыдыбæстæйы стыр хæсты ветеранты кадæн æмбырд кæнынц хъусынгæнинæгтæ
Категория:
Новости и СМИ