Цæгат Ирыстоны цæуы æппæтуæрæсеон æркаст «Лидер XXI века»-йы регионалон къæпхæн
Цæгат Ирыстоны цæуы «Лидер века», зæгъгæ, æркасты регионалон къæпхæн. Мадзал аразджытæ — Уæрæсейы скъоладзауты змæлд æмæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты комитет. Æркаст бацæттæ кæнынц алы аз дæр. Ацы аз дзы архайынц 25 адæймаджы. Уыдон сты сывæллæтты æмæ фæсивæды æхсæнадон иугондты разамонджытæ. Æркасты фыццаг къæпхæны архайджытæ дзурынц, цавæр ахадгæ æмæ ахджиаг проекттæ сын бантыст сæххæст кæнын, уый. Дарддæр — къамисы фæрстытæн дзуапп раттын. Уæлахиздзау октябры бацархайдзæн Æппæтуæрæсеон æркасты къæпхæны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv