Хицауады хæдзары уыд фæндаггон хæдзарады фарстаты фæдыл амбырд
Хицауады хæдзары уыд фæндаггон хæдзарады фарстаты фæдыл амбырд
Цæгат Ирыстоны ацы аз цалцæггæнæн куыстытæ снысан кодтой фæндаггон-транспортон инфраструктурæйы 70 объектæй фылдæрӕн. Се 'хсæн — регионалон æмæ муниципалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæмтæ, Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны объекттæ. Уымæй уæлдай, сног кæндзысты районты фæндæгтæ дæр. Проекттæ куыд æххæст кæндзысты, ууыл дзырдтой министрты кабинеты уæнгтæ æмæ Дзанайты Барис. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъуыддагæн ацы аз рахай кодтой 5 млрд соммæ ввахс, уыдзæн ма уæлæмхасæн æхцаввонгад дæр. Пъланмæ бахастой 41 æхсæнадон бынат æмæ 1 кæрты цалцæг дæр. Уыдонæй дыууæ — Дигора æмæ Беслæны — фæуæлахиз сты æппæтуæрæсеон конкурсы. Ныртæккæ куыстытæ фесты Алагиры æмæ Кировы районты.