Мæздæджы районы Черноярскæйы станицæйы фæзындзæн ног скъола

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Мæздæджы районы Черноярскæйы станицæйы фæзындзæн ног скъола. Уыдзæн дзы 200 бынаты. Проектон-сметон гæххæттытæ бацæттæ кæнын хъæуы фидæны аз мартъимæ. Уый тыххæй республикæйы сæрдар Битарты Вячеслав фехъусын кодта сæрмагонд æмбырды, Мæздæджы. Куыд бафиппайдта, афтæмæй объект хъуамæ аразын райдайой дыууæ азы фæстæ. Предгорныйы хъæуы скъолайы та фæзындзæн уæлæмхасæн бæстыхай. Уый руаджы 55 сабийæн фадат фæуыдзæн скъолайы агъоммæ къордты архайынмæ. 1-æм декабрьмæ снысан кæндзысты арæзтадон куыстуат.  Æмбырды ма ныхас кодтой æнæниздзинад хъахъхъæныны къбазы хъуыддæгтыл дæр. Профилон уагдоны фæнысан кодтой дадзинты низтæ дзæбæхгæнæн центр цы бæстыхайы уыдзæн, уый. Ныртæккæ арæзтадон куыстытæн ссарын хъæуы æхцайы фæрæзтæ. Дзæбæхгæнæндонæн нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм кусæнгæрзтæ самал кæнынæн та хъæуы федералон бюджеты фæрæзтæй спайда кæнын. Битарты Вячеслав æмбырды архайджыты æргом раздæхта цæмæй æрæджы цы вертолет самал кодтой, уымæй бахъуаджы рæстæг пайда кæной. Йæ ныхæстæм гæсгæ арæх бахъуы онкологон рынчыны Мæздæгæй Дзæуджыхъæуы æмæ Цæгат Кавказы  дзæбæхгæнæндæттæм фæхæццæ кæнын. Ацы хъуыддаджы сæйраг дæр у адæймаджы цард бахъахъхъæнын. Битарты Вячеслав ма куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæ хъуамæ æнтыстджынæй архайа федералон программæты. Уыимæ ма бакусын хъæуы, цæмæй Мæздæджы æрмæст нартхор нæ фæлæ ма халсартæ æмæ мæнæу дæр зайа. Афтæ уыд раздæр дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæздæджы районы Черноярскæйы станицæйы фæзындзæн ног скъола

Категория:

Новости и СМИ