Змæйкæйы дондзæуæн системæйы бындурон цалцæг райдыдта
Змæйкæйы дондзæуæн системæйы бындурон цалцæг райдыдта. Хæтæлты 90% заууатмæ æрцыд. Ам раивын фæнд кæнынц трассæйы 42 километры. Æппæт куыстытæ хъуамæ фæуой ацы азы кæронмæ. Æххæст сæ кæнынц сæрмагонд федералон программæмæ гæсгæ. Уымæй уæлдай ма объект бахастой республикæйы социалон-экономикон райрæзты мадзæлттæм. Уый тыххæй йæ телеграм сыфы фехъусын кодта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Сæргълæууæг ма куыд радзырдта, афтæмæй дондзæуæн хæтæлты рацарæзт республикæйы у ахсджиаг фарстатæй иу. Ныртæккæ программæйы фæнысан кодтой Горæтгæрон, Рахизфарсы, Мæздæджы æмæ иннæ районтæ. Куыстытæ дарддæр цæуынц Алагиры дæр. Ныридæгæн сцалцæг кодтой Заманхъулы, Цæлыччы,Зилгæйы,Хуымæллæг æмæ Бруты дондзæуæн хызæгтæ.