Цæгат Ирыстоны хъæлæс кæнын райдыдтой хицæн хъæутæ мобилон бастдзинадæй сифтонг кæныны фæдыл
Цæгат Ирыстоны хъæлæс кæнын райдыдтой хицæн хъæутæ мобилон бастдзинадæй сифтонг кæныны фæдыл
Бæрзонд тагъдадимæ интернет бауадзыны фадат фæзындзæн республикæйы цæрджыты фылдæр хайæн. Цæгат Ирыстоны хъæлæс кæнын райдыдтой хицæн хъæутæ мобилон бастдзинадæй сифтонг кæныны фæдыл. Расидтис æй регионы нымæцон райрæзты комитет. Архайынц дзы 17 чысыл хъуы 5 районæй: Алагиры, Горæтгæроны, Æрыдоны, Мæздæджы æмæ Æрæфы. Схъæлæс кæнæн ис Паддзахадон лæггæдты порталы сервисы сæрмагонд сыфы кæнæ къухфыст курдиаты руаджы. Кæронбæттæны равзардзысты дыууæ хъæуы, кæцытæм фидæны аз бауадздзысты интернет, фæзындзæн сæм мобилон бастдзинад. Дæллаг Ларс æмæ Хъобан дӕр сты ацы программæйы архайджытæ. Афӕдзы кæронмæ ма сæм бафтдзысты Дзынагъа æмæ Тельманы поселок.