Хорз хъуыддаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Дыгуры районы Къора-Урсдоны кæронмæ фæхæццæ кæнынц бынæттон амбулаторийы цалцæджы куыстытæ. Алцæмæ дæр базылдысты, фылдæр куыстытæ кæнын бахъуыд пъолтæ æмæ къултимæ. Баивтой рухсытæ дæр. Адæмы цинæн кæрон дæр нал ис, сæ медицинон кусæндонмæ сын чи базылд, уыдонæн зæрдиаг арфæтæ кæнынц. Амбулаторийы авналæнтæ цалцæджы фæстæ зынгæ фæуæрæхдæр сты. Рынчынтæ дæр ныр ноджы разæнгарддæрæй цæуынц дохтыртæм. Сæхи дзы дзæбæх кæнынц боныгон. Æххуыс кæй бахъæуы, уыдоны фарсмæ медицинон кусджытæ уайтагъд æрбалæууынц. Амбулаторийы дохтыр Дзураты Эльбæ куыд зæгъы, афтæмæй дзы кусы 97-æм азæй фæстæмæ. Уыцы `мгъуыдмæ дзы цалцæджы куыстытæ цæугæ дæр никуы кодтой. Чысыл цыдæртæ-иу бæргæ бампъызтытæ кодтой, фæлæ уый фаг нæ уыдис. Æмæ кæд фæлгонцы уавæртæй нал тыхсынц, уæд нырма цух сты ног техникæйæ. Куы сæм уаид, уæд сæ лæггæдты номхыгъд æмæ сæ куысты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр уаид. Фæлæ сæхиуыл нæ ауæрдынц. Амбулаторийы дохтыр Зураты Эльбæ: «Раздæр нæм уыдис физиотерапевтон кабинет æнæмæнг хъæугæ кусæнгæрзтимæ. Фæлæ уыдон ныззæронд сты æмæ нал бæззынц. Куы нæм уаид, уæд нæ куыст дæр фæцæрдæгдæр уаид. Уымæн æмæ нæм бирæ ис, ахæм æххуыс кæй хъæуы, уыцы рынчынтæ. Дохтыртæ сын цы снысан кæнынц, уыцы процедурæтæ сын арæх нæ бон скæнын нæ вæййы, нæ къух нæ фæамоны. Сидын, кæмæй аразгæ у, уыдонмæ, цæмæй нæм иучысыл се `ргом раздахой». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хорз хъуыддаг

Категория:

Новости и СМИ