Ирвæзынгæнджытæ, зæйы бын цы уæрæсейаг æфсæддон фæци, уый агуырд ӕрурӕдтой
Ирвæзынгæнджытæ, зæйы бын цы уæрæсейаг æфсæддон фæци, уый агуырд ӕрурӕдтой. Агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæ баурæтой 17 сахаты æмæ 30 минутыл ӕмӕ сӕ райдайдзысты цыппæрæмы райсомæй. Уый тыххæй хъусын кæны Sputnik. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, знон изæры 6 сахатмæ хæстæг Ручъы тъуннелмæ ввахс блок-постыл рацыд зæй. Йæ быны фесты 5 адæймаджы. Дыууæ æфсæддоны фæмард, дыууæйы та бантыст фервæзын кæнын. Ныртæккæ сты Цхинвалы медицинон центры. Транскамы фæндаг та ныр æртыккаг бон æхгæд у æвзæр боныхъæды аххосæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv