Æдасдзинады фарста - фыццаг
Фæстаг бонты базарадон центртæ зынгсрвæзтытæ не руадзыны домæнтæн дзуапп дæттынц æви нæ, ууыл ныхас кæнынц алы æмвæзады бæрнон кусджытæ. Æрныхас ыл кодтой абон Цæгат Ирыстноны хицауады къамисы уæнгтæ дæр. Æдасдзинад - уыд боны фæткы фыццаг фарста. Минут æдзæмæй алæугæйæ, хицауады уæнгтæ ссардтой Кемеровæйы зынгсирвæзты чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Æнæнхъæлæджы уавæртæ не руадзыны æмæ сæ аиуварс кæнын къамисы сæрдар Дзанайты Павел куыд фехъусын кодта, афтæмæй базарадон центртыл æрзилгæйæй рабæрæг сты аиппытæ. Бирæ фарстатæ ис республикæйы прокуроры хæдивæг Павел ЕфИменкомæ дæр. Куы зæгъы, афтæмæй организацитæн фылдæр хатт аиппытæ аиуварс кæнынæй ивар бафидын æнцондæр æмæ асламдæр у. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæн та закъонхæлдтытæ кæм ис, уыцы объект сæхгæнынæн бар нæй. Æмæ уæд гæххæттытæ бадæттынц тæрхондонмæ. Абоны æмбырды ма æрдзырдтой сывæллæтты фæлладуадзæн лагерты æдасдзинадыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй се ппæт домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æдасдзинады фарста - фыццаг
Категория:
Новости и СМИ