Сергей Меняйло ныхас кодта Упрдор «Кавказ»-ы хицау Александр Лукашукимæ

Дзæуджыхъæуы иувæрсты фæндаджы арæзтадыл кусæг фембæлды рæстæг Сергей Меняйло ныхас кодта Упрдор «Кавказ»-ы хицау Александр Лукашукимæ. Ныртæккæ фидар кæнынц фæндажы кæнд, нысан кæнынц былтæ, нывыл кæнынц бындуры уæллаг цъар. Фæндаг арæзт уыдзæн асфальт æмæ бетоны æртæ цъарæй. Йæ уæрх - 15 метры. Уыцы иу рæстæг архайд цæуы донуайæн æмæ рухсдæттæн системæтыл. Уымæй уæлдай ма дарддæр бындуронæй цалцæг кæнынц федералон фæндæгтæ. Сæ дæргъ 11 километры. Се 'хсæн "Транскам"-ы хай Бехъанæй Æрыдонмæ æмæ Дзæуджыхъæумæ бахизæны 3 километры. Рацарæзты фæстæ дзы цæудзæн фылдæр хæдтулгæтæ, фæуæлдæр уыдзæн æдасдзинад дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 457 подписчиков
12+
24 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии