Скъолаты æмæ рæвдауæндæтты фылдæр кæны полилингвалон системæ
Ирон æвзагыл кæм ахуыр кæнынц, ахæм скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ фæфылдæр уыдзысты Цæгат Ирыстоны. Уый полилингвалон ахуырады фæлгæты. Хабары тыххæй хъусын кæнынц нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады. Ног ахуыры азы сæрмагонд къордтæ байгом кæндзысты 12 рæвдауæндоны. 4 скъолайы та - ирон æвзагыл ахуырад фылдæр цæудзæн фыццаг кълæсты. Полилингвалон ахуырд парахат кæндзысты республикæйы районты дæр. Афтæмæй ирон къордтæ фæзындзысты дыгай рæвдауæндæтты Дыгуры, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты. Алагиры æмæ Æрыдоны та - иугæйтты. Дзæуджыхъæуы ахæм системæмæ рахиздзысты ноджы 4 рæвдауæндоны. Цæгат Ирыстоны полилингвалон ахуырадыл кусын райдыдтой 2 азы размæ. Ныртæккæ уыцы системæйы архайы 34 рæвдауæндоны æмæ 10 скъолайы. Ацы аз ма сæм бафтддзæн. Фидæны та кæндзысты ноджы фылдæр. Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ башаринæ куыд зæгъы, афтæмæй сæрмагонд къорды сывæллæтты иронау ахуыр кæнынц, сæ ныййарджыты фæндонæй. Ныртæккæ архайынц ахуыргæнджыты къорд дæр сидар кæныныл. Уыдон хъуамæ ацæуой фæлтæрддзинад бæрзонддæр кæныны ахуыртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Скъолаты æмæ рæвдауæндæтты фылдæр кæны полилингвалон системæ
Категория:
Новости и СМИ