Æхсджиаг фарстатыл ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Æрдзырдтой федералон программæты архайыныл æмæ социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объекттæ цалцæг кæныныл. Нысангонд пъланмæ гæсгæ, ацы аз хъуамæ саразой 40 мадзалы. Схардз сыл кæндзысты 300 милуан сомы. Финансты министры хæдивæг Дзæгъойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, 2028 азы онг бюджетмæ бахæсдзысты ивддзинæдтæ. Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хъесаты Игорь та фехъусын кодта республикæйы фæцæрыны æппынкъаддæры бæрц – 8 мин сомы. Æрдзырдтой ма фæсивæды сфæлдыстады инновацион центртæ саразыны тыххæй. Уыцы хъуыддагæн Федералон бюджетæй радих кæндзысты 3 милуан сомы. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй уыцы центртæн уæлдай ахадындзинад ис. Экологийы министр Мамиаты Чермен радзырдта доныбылгæрæттæ фидар кæныны куыстыты тыххæй. Снысан кодта цалдæр тæссаг объекты – Хæзныдон, Хъæдгæрон æмæ Хæтæлдонмæ `ввахс. Хъæудзæн сын субсидитæ радих кæнын. Уымæй уæлдай ма дзырдтой, хъæуты рæзтæн федералон программæйы фæрцы фæрæзтæ радих кæныныл. Æдæппæтæй – 25 милуан сомы. Уыдонæй цалцæггонд æрцæудзысты Ольгинскæйы доны хæтæлтæ. Горæтгæрон районы хъæу – Иры та базилдзысты газы хæтæлтæм, Толдзгуны сараздзысты медицинон пункт. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй уыцы хъуыддæгтыл дæр хъæуы бæстонæй бакусын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æхсджиаг фарстатыл ныхас

Категория:

Новости и СМИ