Битарты Вячеслав сæххæст кодта Дзæуджыхъæуы æрыгон цæрæг Джыккайты Зауыры бæллиц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ æппæтуæрæсеон акци «Елка желаний» зæгъгæ. Абон нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæххæст кодта Дзæуджыхъæуы æрыгон цæрæг Джыккайты Зауыры рагон бæллиц. Сывæллон рагæй бæллыд, цæмæй йæ къухты бафта хъазæн æфсæнвæндаг. Уый тыххæй йæм абон уазæгуаты æрбацыд нæ республикæйы сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг Кокайты Артур. Ног азы бæрæгбоны фæдыл йын ракодта арфæйы ныхæстæ. Бинонты ныхæстæм гæсгæ, ахæм лæвар райсын сын у æхсызгон. Акци арæзт у «Мечтай со мной» æппæтуæрæсеон проекты фæлгæты. 2018-æм азы хаст æрцыд президенты платформæ «Россия - страна возможностей» -мæ. Ныр мадзал у федералон. Ацы аз бæрæгбоны заз бæласыл сифтонг кодтой 40 фыстæджы. Сывæллæтты бæллицтæ сæххæст кæныныл бацархайдтой нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, хицауады уæнгтæ, депутаттæ, æмæ районты разамонджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав сæххæст кодта Дзæуджыхъæуы æрыгон цæрæг Джыккайты Зауыры бæллиц

Категория:

Новости и СМИ