Трамвайы рудзынг асастой
Ныр та æнахъом къулбадджыты тыххæй. Уыдон бавдæлдысты, æмæ хуыцаубоны изæрæй базгъæлæнтæ кодтой Дзæуджыхъæуы трамвайтæй иуы рудзынг. «Владтрамвай»-ы фæндæгтыл æдасдзинадмæ сæйраг цæстдарæг Хуытиаты Виталийы куыд хъусын кæны, афтæмæй 5 æнахъом лæппуйы Ушинскийы уынджы трамвайыл æхстой дуртæ. Йæ рахиз авг лыстæг пырхытæй куы `ргæр-гæр кодта, уæд чысыл фыдгæнджытæ лидзæг фесты. Ацы трамвай, ног кæй сцалцæг кодтой, уыдонæй у. Саст авг уæдмæ ногæй баивтой, фæлæ ахæм хабар фарон фæззæгæй цыппæрæм хатт æрцыд. Аххосджынтæ - уыцы иутæ - кæйдæр чысыл къулбадджытæ. Барадхъахъхъæнæг структурæтæ хъуыддаг райхалынмæ бавнæлдтой. Закъонхалджыты куы æрцахсой, уæд сæ ныййарджыты бахъæудзæн ивар бафидын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Трамвайы рудзынг асастой
Категория:
Новости и СМИ