Сергей Меняйлойы разамындæй уыд аппаратон æмбырд
СОVID-19-имæ рынчынты нымæц республикæйы къаддæр кæны. Уый тыххæй Сергей Меняйлойы разамындæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды регионалон управленийы разамонæг Тыбылты Алан. Медицинон æххуысмæ республикæйы ковид-стационартæм чи æрбацæуы, уыдоны нымæц 9% фæкъаддæр. Уый ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм бæрæггæнтæм ӕрцыдыстӕм низы ныхмæ Цæгат Ирыстоны ныснгонд мадзæлтты руаджы. Кæд рынчынты нымæц фæкъаддæр, уæддæр уавæр нырма у зæрдæхсаинаг. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы специалисттæ æхсæнадон бынæттыл дарддæр кӕнынц рейдтæ. Уыимæ ма 13 дзæбæхгæнæндоны иртасынц туаггуыры хæрзхъæддзинад. Эксперттæ сты Гудермесæй. Сергей Меняйло бабар кодта, цæмæй сæрмагонд лаборатори фæзына республикæйы дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv