Æрыдоны райдыдтой Советовы уынджы аллей цалцæг кæнын
Æрыдоны райдыдтой Советовы уынджы аллей цалцæг кæнын. Бирæ азты дæргъы фæлладуадзæн бынат бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Куыстытæ райдыдтой ацы къуырийы райдианы. Аллей ног кæнынц федералон программæ «Æнцонвадат горæт»-мæ гæсгæ. Саив кæндзысты километры онг фæзуат. Ныр уал айстой зæронд бандæтттæ. Исынц зæронд асфальты уæлцъар. Сæрды кæронмæ Æрыдоны цæрджытæн фадат уыдзæн ног рацарæзт аллейы сæ рæстæг æрвитын. Бындурон рацарæзты фæстæ дзы къахвæндæгтыл фæзындзæн ног аив плиткæ, сæвæрдзысты дзы ног бандæттæ, бырутæ. Ногтæй баивдзысты цырæгътæ дæр. Æдæппæтæй куыстытæн рахай кодтой 8 милуан сомæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны райдыдтой Советовы уынджы аллей цалцæг кæнын
Категория:
Новости и СМИ