Дзæуджыхъæуы бырондон рекультиваци скæндзысты æмæ сæхгæндзысты
Дзæуджыхъæуы бырондон рекультиваци скæндзысты æмæ сæхгæндзысты. Ныридæгæн хауæтдзæгтæ ласынц ног фæткмæ гæсгæ. Бырон иу ран нал æмбырд кæнынц. Сæ уæз сын сбарынц æмæ йæ равзарынц. Бырондонмæ бахизæны сæвæрдтой сæрмагонд барæн. Полигоны фæзынц цех, уым бырон равзарынц сæ хуызмæ гæсгæ. Фидæны аз аразын райдайдзысты ног бырондон. Уый руаджы фæзындзæн ног куысты бынæттæ. Уыимæ ма уый хуыздæры ’рдæм фæбæрæг уыдзæн республикæйы экологийыл. Константин Ткачев, куыстуат «Экоальянс»-ы экологон цæстарды хайады разамонæг: «Полигоны арæзтадæн радих кæндзысты зæххы хай. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæзындзæн хауæтдзæгтæ кусæг завод дæр. Хауæтдзæгтæ æвзарыныл не ’рлæудзыстæм дыккаг хатт сыл бакусдзыстæм». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы бырондон рекультиваци скæндзысты æмæ сæхгæндзысты
Категория:
Новости и СМИ