Байкерты æппæтуæрæсеон акци «Волна памяти»
Байкерты æппæтуæрæсеон акци «Волна памяти»
Æппæтуæрæсеон акци «Волна памяти» цæуы Дзæуджыхъæуы. Афтæ мысынц фæндагыл чи фæмард, уыцы мотоциклистты. Проект райдыдта 2012-æм азы. Тадицимæ гæсгæ, мадзал арæзт цæуы эстафетæйы хуызы. Азæй-азмæ проекты географи дæр уæрæхдæр кæны. Ацы аз уыдзæн Калининградæй Сахалинмæ. Нæ республикæйы байкертæ Дагестан æмæ Цæцæны байкертимæ иумæ араст уыдзысты Кæсæг-Балхъармæ æмæ уырдыгæй дарддæр. Æдæппæтæй ацæуинаг сты 86 мин километры. Акцийы архайы 75 мотоклубæй фылдæр. Архайджытæн фадат уыдзæн фæндаггон æдасдзинады домæнтæм уæлдай хатт цæстæнгас азадахын, æгас бæстæйыл арзилын æмæ Уæрæсейы æппæт регионтæй байкертимæ базонгæ уæвын.