Мæскуыйы æрымысдзысты Беслæны теракты амæттæгты нæмттæ
Мæскуыйы æрымысдзысты Беслæны теракты амæттæгты нæмттæ. Терроризмимæ тохы æппæтадæмон бон - 3-æм сентябры - боны 12 сахатыл æмæ 20 минутыл Мæскуйы Сыгъдæг Мадымайрæмы райгуырды аргъуаны Алайнаг кæрты арæзт æрцæудзæн номарæн аргъуыд. 13 сахатыл та Алайнаг кæрты раз номарджытæ иу минут æдзæмæй аллæудзысты. Ардæм ма хæсдзысты дидинджытæ æмæ веноктæ. Арвмæ та суаддзысты 334 урс уæлдæфон тымбылæджы. Уыййас уыдысты терракты амæттæгтæ дæр. Мадзалы бацархайдзысты нæ бæстæйы Федерацийы Совет, Паддзахадон Думæ, Мæскуыйы хицауады минæвæрттæ Уымæй уæлдай ма - сæрмагонд æфсæддон дæлхайæдтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы ветерантæ, Мæскуыйы раззагдæр медицинон уагдæтты дохтыртæ æмæ разамынды уæнгтæ дæр. Æнæмæнг, мадзалмæ æрбацæудзысты Цæгат Ирыстоны минæварады кусджытæ, Мæскуыйы ирон æхсæнады уæнгтæ, Ирыстонæй рацæуæг студенттæ æмæ скъоладзаутæ дæр. 3-æм сентябрь Уæрæсейы Терроризмимæ тохы æппæтадæмон боныл нымад æрцыд, 2004-æм азы Беслæны цы æбуалгъ цаутæ æрцыд, уыдоны фæстæ. 3 боны дæргъы æнæ хæринаг æмæ донæй террористтæ скъолайы спортивон залы уацары дардтой скъоладзаутæ, сæ хиуæттæ æмæ сæ ахуыргæнджыты. Фæмард дзы 300 адæймагæй фылдæр. Уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Номарæн мадзæлттæ ма арæзт цæудзысты сæрмагонд æфсæддон дæлхайæдтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы кусджыты цыртдзæвæнты раз. Дидинджытæ æмæ веноктæ хæсдзысты Николо-Архангелаг уæлмæрдтæм, горæт Жуковскийы æмæ хъæу Юровойы Мæскуыйы областы Раменаг районы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæскуыйы æрымысдзысты Беслæны теракты амæттæгты нæмттæ
Категория:
Новости и СМИ