Фыранк Эльбрусы хъуырылдаргæ спутникон цæджы бæрæггæнæнтæ нал змæлынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны хæхты ма, гæнæн ис, æмæ ноджыдæр иу фыранчы ауаддзысты. Уый тыххæй æрæджы хъусын кодтой информацион агентадтæ. Цæрæгойы ном хуыйны Багирæ. Сочийы сæ хъомыл кæныны Центры куыд зæгъынц, афтæмæй йæ нæ республикæмæ хъуамæ `рбаласой апрелы дыккаг æмбисы. Фарон сæрды ма Цæгат Ирыстоны национ парк «Алани»-йы ауагътой дыууæ фыранчы - Волна æмæ Эльбрус. Ахуыргæндтæ сыл бакодтой хъуырыл даргæ спутникон цæгтæ, цæмæй сæ чи кæм ис, уый бæрæг уа. Волнамæ зæрдæ ныр дæр не `хсайы. Фæлæ Эльбрус цы бацис, уый бæлвырдæй бæрæг нæу. Афтыд Хуссар Ирыстоны хæхтæм æмæ уым йæ спутникон цæджы бæрæггæнæнтæ сæ бынатæй нал змæлыдысты. Цæрæгойыл цы `рцыд, уый раиртасыныл ныл архайынц. Абон нын бантыст Хуссар Ирыстоны геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты разамонæг Бестауты Балаимæ аныхас кæнын. Цы нын радзырдта, уый уын хæссæм уæ размæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фыранк Эльбрусы хъуырылдаргæ спутникон цæджы бæрæггæнæнтæ нал змæлынц

Категория:

Новости и СМИ