Абон Хуссар Ирыстоны бæрæг кодтой сабырдзинад тауæг тыхты бон
Абон Хуссар Ирыстоны бæрæг кодтой сабырдзинад тауæг тыхты бон. Уыдоны сæйраг хæс у быцæутæ ма уадзын, хæстон цауты фæстæ адæмы цард нывыл кæнын. Сæ ахъаззаг нысан сын Хуссар Ирыстоны хорз зонынц. Сабырдзинад тауæг тыхты тыххæй бадзырд республикæйы бафыстой 1992-æм азы 14-æм июлы. Гæххæтты бынмæ сæ къухтæ сæвæрдтой Уæрæсе, Гуырдзыстон æмæ Хуссар Иры разамонджытæ. Афтæмæй фæзындис æртывæрсыг къамис. Сæ руаджы быцæугæнæг тыхтæ кæрæдзийы нал цагътой. Стыр ахъаз фесты, æртæ азы Хуссар Ирыстоны цы хæстон цæхæр сыгъдис, уый бауромынæн. Абоны онг дæр сты, æдасдзинад удуæлдайæ чи хъахъхъæны, уыдон. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ бæрæгбоны фæдыл Хуссар Ирыстоны саразынц каджын мадзæлттæ - æфсæддонты парадтæ, æмбырдтæ æмæ алыхуызон сфæлдыстадон æркастытæ. Уæдæ сæ сабырдзинад тауæг тыхты зынгхуыст хæстонты ном æрхъуыды кæнын дæр нæ ферох вæййы. Сæ фæстæ цы бинонтæ баззад, уыдонæн паддзахад ракæны ахадгæ æххуыс. Цхинвалы сæйрагдæр уынгтæй иу та сын хæссы сæ ном. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон Хуссар Ирыстоны бæрæг кодтой сабырдзинад тауæг тыхты бон
Категория:
Новости и СМИ