Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы рауагъдонтæн байгом кодтой мемориалон фæйнæг
Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы рауагъдонтæн байгом кодтой мемориалон фæйнæг
Цæмæй рох ма уой. Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы æфсæддонтæ Цыхуырбаты Роланд æмæ Кирилл Андреевæн номарæн фæйнæг байгом кодтой Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы. Кадджын мадзалы архайдтой æфсæддонты хиуæттæ, ахуыргæнджытæ, æмкъласонтæ, сæ хæлæрттæ æмæ æхсæнадон организациты уæнгтæ. Сæ ном сын ссардтой иу минут æдзæмæй алæугæйæ. Скъоладзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ акодтой патриотон зарджытæ. Радзырдтой æфсæддонты æхсардзинады тыххæй. Дыууæйæ дæр сæ хъæбатырдзинады тыххæй (сæ амæлæты фæстæ) хорзæхджынгонд æрцыдысты ордентæй. Мадзал бацæттæ кодтой цæгатирыстойнаг æфсæддон-историон æхсæнады æххуысæй.