Хъæуккаг ипотекæ | Хæдзарадон
Уæрæсейы хицауад аразы алыхуызон программæтæ, цæмæй хъæуты цæрæг адæмæн сæ уавæртæ хуыздæр кæной. Уыдонæй иу у «Хъæуккаг ипотекæ». Царды рацыд 2020-æм азы. Йӕ фӕрцы паддзахадӕй ис ӕхца ӕфстау райсӕн, цӕмӕй дзы дӕ хъуыддӕгтӕ саразай. Куыд ӕмӕ цы хуызы, кӕй бон у ацы хорзӕхӕй спайда кӕнын, цавӕр фӕткмӕ гӕсгӕ хъӕудзӕн хӕстӕ фӕстӕмӕ дӕттын? Уыдӕттыл дзурӕм нӕ программӕ «Хӕдзарадон»-ы.