Цæгат Ирыстоны дзул, гæнæн ис, æмæ иу сом фæзынаргъдæ уа
Цæгат Ирыстоны ныхас цæуы дзулы аргъы фарстайыл. Сæйраг хойраг, гæнæн ис, æмæ иу сом фæзынаргъдæ уа. Уый баст у, йæ кæнæггаг æмæ инфляцийы аххосæй хойрæгты æргътæ хæрдмæ кæй ныццавтой, уыимæ. Дзулы аргъы фарста дзырддаг сси нæ бæстæйы æппæт регионты дæр. Уавæрмæ лæмбынæг кæсынц Цæгат Ирыстоны хицауады минæвæрттæ. Экономикон рæзты минситрадæн Сергей Меняйло бабар кодта хъуыддагыл сахадын. Дзуапдæттæг министрады уæнгтæ фембæлдысты дзулфыцæн куыстуæтты минæвæрттимæ. Дзулфыцджытæ хъаст кæнынц, зын уавæры кæй сты, уымӕй. Цæмæй уӕлдай хæрдзтæ мауал æййафой уый тыххӕй баныхас кодтой, ӕмӕ уыциумӕ алы ран дзулы аргъ нæ фæзынаргъдæр уыдзæн. Кæд ыл бафта, уæддæр уыдзæн Цæгат Кавказ æмæ Хуссар Æфсæддон зылды регионты 'хсæн сæ асламдæртӕй иу. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv