Цæгат Ирыстоны æрцахстой сыхаг республикæйы цæрæджы
Дзæуджыхъæуы æрцахстой рецидивисты. Азымджын æй кæнынц, адæймаджы адавынмæ кæй хъавыд, уымæй. 53-аздзыд нæлгоймаг агуырдта, фыдми чи сараздзæн, ахӕмты. Уголовон агуырды кусджытæ йæ фæдыл зылдысты дыууæ мæйы. Оперативон мадзæлтты рæстæг мидхъуыддæгты министрады кусджытæ рецидивисты æрцахстой. Барадхъахъхъæнджытæ ма йæм ссардтой хæцæнгарз ӕмӕ ӕхсӕн ӕрмӕг. Ныр ын тæрхон кæндзысты, закъон куыд амоны, афтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv