Комгæроны культурæйы артдзæст
Комгæроны культурæйы галуан бындуронæй рацарæзтой. Абон йæ байгом кæныны кадджын мадзалмæ сæмбæлдысты хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, стæй арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег. Раздæры азты хъæуы уыд бæстыхай, фæлæ заууатмæ æрцыд. 60 азæй фылдæр цалцæггонд никуы уыд. Афæдзы размæ, федералон программæмæ гæсгæ хъæуты культурæйы артдзæстыты райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ. Æнæрхъуыдыйæ нæ баззад Комгæроны культурæйы хæдзар дæр. Базылдысты йын йе `ддаг бакастмæ, аивтой хæдзары сæр, бынывыл кодтой хъармгæнæн системæ. Уыцы мадзæлттæн радих кодтой 2 милуан сомы. Ныртæккæ хъæуы артдзæст сфидыдта стыр ног зал æмæ сценæйæ. Йæ хуыз скалдта библиотекæ дæр. Аразджытæ ма базылдысты хъæбысхæстæй залмæ. Хъæуы цæрджытæ разыйæ баззадысты. Фæсивæды сфæлдыстадон архайдæн та ныр фæзынд ног фадæттæ æмæ сыл уый фæбæрæг уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Комгæроны культурæйы артдзæст
Категория:
Новости и СМИ