Æнæзакъонæй электрон тыхæй чи пайда кæны, 80 ахæм цауы раиртæстой энергетиктæ
«ЦæгатКавказЭнерго»-йы фиддонтæ æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ чи нæ фиды, уыдонæн сæ рухс ахуыссын кодтой. Уый тыххæй «Цæгаткавказэнерго»-йы кусджытæ сарæзтой рейд. Архайджытæ абалц кодтой Хъесаты Астаны номыл уынджы бирæфатерон хæдзармæ. Се ’хсæн рабæрæг, сæ хæстæ 100 мин сомæй фылдæр кæмæн сты, ахæм цæрджытæ дæр. Рейды рæстæг бирæтæ дуар байгом кæныныл не ’сразы сты. Уымæ гæсгæ сæ рухсы телтæ лыггонд æрцыдысты, æмæ сыл ныффыстой æмбæлгæ акттæ. Фатеры хицау хибарæй мидæггаг телтæ ногæй куы баиу кæна, уæд æй административон æгъдауæй бафхæрдзысты 10 мин сомæй 30 мин сомы онг. «ЦæгатКавказЭнерго»-йы разамынддæттæг директоры хæстæ æххæстгæнæг Быгъуылты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, хæстæ кæмæн ис, уыдоны ныхмæ арæзт цæуынц, закъонмæ гæсгæ цы æмбæлы, æппæт уыцы мадзæлттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæзакъонæй электрон тыхæй чи пайда кæны, 80 ахæм цауы раиртæстой энергетиктæ
Категория:
Новости и СМИ