Футболон клуб «Спартак-Владикавказ» сарæзта тренировкæ хъазты размæ
«Юность»-ы стадионы уыд футболон клуб «Спартачы» тренировкæ. Сарæзтой йæ ахсджиаг хъазты размæ. Дзæуджыхъæуккæгтæ турнирон хыгъды сты 12-æм бынаты. 9-æм хъазтмæ сæм ис æрмæстдæр 5 баллы. Тренировкæйы архайдтой командæйы нымаддæр футболисттæ. Спортсменты адих кодтой дыууæ къордыл: сæйраг æмæ фæстауæрцгæнæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цалдæр матчы нæ футболисттæ хъазты фæстаг минуттыл кæй фæхæрд сты. Футболон клуб «Спартак-Владикавказ»-ы тренер Карсанты Умар: «8-9 сезоны куыд футболист, афтæ хъазыдтæн Гæззаты Юрийы разамындæй. Цæттæдзинадæй нæм фау æрхæссæн никуы уыд. Уый фæстæ хæрд кæнын райдыдтам. Хъазгæ бæргæ хорз кæнæм, фæлæ рамбулын нæ бон нæу. Голтæ бакъуырын нын не `нтысы». Радон хъазт Спартак акæндзæн махачкалайаг Легионы ныхмæ. Хъазт райдайдзæн стадион «Спартач»-ы изæры 4 сахатыл. Уый фæдыл нæ телекомпани фæнд кæны флеш-моб саразын. Схуыдтам æй: «Я с командой» - зæгъгæ. Сидæм республикæйы зындгонд спортсментæм, цæмæй ацы хуыцаубоны футболуарзджыты хъазтмæ æрбацæуынмæ сразæнгард кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Футболон клуб «Спартак-Владикавказ» сарæзта тренировкæ хъазты размæ
Категория:
Новости и СМИ