Ахуыр кæнæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ сывæллæтты ахуыр кодтой, хæхтыл раст бырын куыд хъæуы, ууыл. Ахæм мадзал сарæзтой, уагдон куы равзæрд, уыцы боны кадæн. Гыццыл чызджытæ æмæ лæппутæн ахæм хъæппæрис сæ зæрдæтæм тынг фæцыдис. Инструкторы ныхæстæм гæсгæ, сывæлæтты бон у 4 кæнæ 5-аздзыдæй райдайын къæдзæхтыл бырын. Уыцы дæсныйадыл ахуыр кæнын кæй бафæнда, уыдонæн аразынц тренажерты зал. Уым сæ арæхстдзинæдтæ фæхуыздæр кæндзысты. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы спорт къаддæр тас хæссы сывæллæттæн футбол, кæнæ, зæгъæм, хъæбысæй хæцынæй. Спортменæн йæ уæлæ вæййы хи хъахъхъæнæн фæрæзтæ. Уæдæ йæм бынæй та йæ цæст фæдары йæ тренер. Виталий Иванов, агурæн-сгарæн куысты къорды разамонæджы сæргълæууæджы хæдивæг: «Къæдзæх егъау кæй нæу, уымæ гæсгæ хи хъахъхъæнæн мадзæлттæ æмæ кусæнгæрзтæ саразын æнцон у. Ис æм алыхуызон мадзæлтты фæрцы схизæн, къæхтæ æмæ къухты `ххуысæй. Хохы фахсыл сарæзтам 10 хæрдмæ хизæн фæндаджы, уымæ гæсгæ дзы ахуыртæ аразæн ис алыхуызон хуызтæм гæсгæ. Зæгъæм, фахсыл хилынæй, хъахъхъæнæн фæрæзтæй пайда кæнынæй, бæндæнтыл хæрдмæ æмæ дæлæмæ хилынæй, стæй афтæ дарддæр. Иуныхасæй, ахуыртæ бирæвæрсыг сты». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ахуыр кæнæм

Категория:

Новости и СМИ