Бирæфатерон хæдзæрттæй бындурон цалцæггæнинаг 5 фатерæй къаддæр кæм уа, уыдон программæйæ аиуварс к
Бирæфатерон хæдзæрттæй бындурон цалцæггæнинаг 5 фатерæй къаддæр кæм уа, уыдон программæйæ аиуварс кæндзысты. Уыимæ фиддонтæ чи бахаста, уыдонæн сæ закъонмæ гæсгæ фæстæмæ ратдзысты. Уый тыххæй бæлвырддæр æрдзурдзысты хицауадон æмбырды декабры. Программæмæ цы хæдзæрттæ бахастой, уыдонмæ лæмбынæгдæр æркæсдзысты. Кæд арæзт æрцыдысты, фæстаг хатт бындуронæй цалцæггонд кæд уыдысты æмæ афтæ дарддæр. Программæйы рæдыдтытæ дæр рауад. Хатгай-иу хæдзары цæрын кæд райдыдтой, уымæй-иу аз фæстæдæр бæлвырдгонд æрцыд, æмæ-иу уый аххосæй хæдзары цæрджыты бындурон цалцæгмæ 5-7 азы фылдæр æнхъæлмæ кæсын бахъуыд. Цæмæй ахæм уавæр мауал сæвзæра, уый тыххæй хæдзæртты уавæрмæ хъæуы лæмбынæгдæр кæсын. Ис, кæлæтдзагыл кæй банымадтой, ахæм бирæфатерон хæдзæрттæ, æмæ уыдон программæйы хыгъдæй айсын хъæуы, фæнысан кодта артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Кучиты Зауырбег. 2019 азы пъланмæ гæсгæ снысан кодтой 40 бирæуæладзыгон хæдзары бындуронæй сцалцæг кæнын, фæлæ дзы æппæт хæдзæрты адристæ нæ бахаудзысты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, бындурон цалцæджы программæмæ æппæт адристæ хаст не ’рцыдысты. Зæгъæм, коммуналон фиддонтæн æппындæр кæй не ’мбырд кæнынц æхца, уый тыххæй Алагиры районы 5 адрисы программæйæ фæиппæрд сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бирæфатерон хæдзæрттæй бындурон цалцæггæнинаг 5 фатерæй къаддæр кæм уа, уыдон программæйæ аиуварс к
Категория:
Новости и СМИ