Дæ бартæ зон!
Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæн цæдисы кусджытæ абон байхъуыстой адæмы курдиæттæм. Дзырдтой сын, цæмæй социалон хызты закъоны сæрты чи хизы, уыдоны фыдгул ма фæуой. Акци æнæнхъæлæджы арæзт не `рцыд. Снысан æй кодтой фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны æппæтдунеон бонмæ. Адæмæн радзырдтой, иуæй-иу хатт интернет-дуканитæ цас тæссаг вæййынц, уый. Байуæрстой ма сын зæрдылдарæн гæххæтыттæ. Фыст дзы ис, куыд хуыздæр кæнын хъæуы уыцы хъуыддæгты, уый. Уымæй уæлдай, фæлхасгæнджытæ дзуапп лæвæрдтой сæрмагонд æрфарсты. Уый та æххуыс уыдзæн, интернет-дуканиты закъонхалджыты рабæрæг кæнын æмæ сæ бафхæрынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дæ бартæ зон!
Категория:
Новости и СМИ