Уæрæсейы хицауад регионты æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæтæн æххуысæн рахай кодта 89 млрд сомы
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады регионалон системæтæн æххуысæн Уæрæсейы хицауад уæлæмхасæн хуызы рахай кæндзæн ноджы 89 миллиард сомы. Сæрмагонд бардзырд бафыста хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Фæрæзтæ схардз кæндзысты цæрджытæн медицинон æххуыс лæвар бакæныныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз сæрды æмæ фæззæджы райдиан ацы хъуыддагæн рахай кодтой 160 миллиард сомы. Михаил Мишустин ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм æххуысы руаджы регионты уагдæттæ кусдзысты æнæ къуылымпытӕй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv