Дзæуджыхъæуы уынгтæ дарддæр цалцæг кæнынц
Дзæуджыхъæуы уынгтæ дарддæр цалцæг кæнынц. Ныртæккæ куыстытæ сæ тæмæны сты Гагарины, Армянская æмæ æппæты дæргъвæтиндæртæй иуыл - Владикавказская уынгты. Алы объектыл дæр сæвæрдзысты иу æмæ æрдæг километры онг асфальт. Уымæй уæлдай ма дзы ивынц бордюртæ æмæ тротуартæ. Фæндæгтæ дихгæнæг хæххытæ дæр ног кæнынц, амонæн нысæнттæ æвæрынц. Цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ фæуой фæззæджы. Аразынц сæ "Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ", зæгъгæ, национ проектмæ гæсгæ.