«Мамысон»-ы арæзтадыл бахардз кæндзысты 15 600 млрд сомы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Æрвылазон туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арæзтадыл бахардз кæндзысты 15 миллиард æмæ 600 милуан сомы. Æхцайы фæрæзтæй фæнд кæнынц дондзæуæн, газы æмæ электрон тыхы системæтæ ауадзын. Уыимæ ма инженерон, транспортон æмæ хæххон инфраструктурæ. Цæгат Ирыстоны хицауад арæзтадæн рахай кæндзæн 6 миллиарды æмæ 400 милуан сомы. 9 миллиарды æмæ 200 мин сомы курорты райрæзтмæ бахæсдзысты инвестортæ. Уый тыххæй 9-æм æппæадæмон наукон-практикон конференцийы «Горные территории: приоритетные направления развития», зæгъгæ, фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Ныртæккæ бадзырдтæ бафыстой 2 сæйраг инвесторимæ. Уыдон фæнд кæнынц 70 мин квадратон метрыл фысымуæттæ æмæ хиирхæфсæн бынæттæ саразын. Курорты фæзы ма ис суардонтæ «Тиб-1» æмæ «Тиб-2»-йы гуырæнтæ. Хæххон къахдзоныгътыл бырæн трассæты дæргъ æмткæй райсгæйæ уыдзæн 96 километрæй фылдæр. Мамысоны курорты руаджы куысты бынæттæ фæзындзæн 3 мин адæймагæй фылдæрæн. Пайда та æрхæсдзæн 43 миллиард сомæй фылдæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Мамысон ис Алагиры районы. Улæфæн дзы ис афæдзы дæргъы цыфæнды афон дæр. Аразын æй райдыдтой 2013-æм азы. Чысыл фæстæдæр куыстытæ æрлæууыдысты. Цæгат Ирыстоны хицауад Уæрæсейы экономикон райрæзты министрадмæ арвыстой курдиат, цæмæй Мамысонæн снысан кæной сæрмагонд экономикон зонæйы статус. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Мамысон»-ы арæзтадыл бахардз кæндзысты 15 600 млрд сомы

Категория:

Новости и СМИ