Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы сарæзтой Хетæгкаты Къостайы номыл бакастытæ
Хетæгкаты Къостайы 160 азы райгуырды номыл Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы сарæзтой йæ номыл бакастытæ. Зындгонд поэты ном æрымысынмæ ардæм æрбацыдысты 11-æм хатт. Бакастыты архайдтой Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуырдзаутæ. Наукон-иртасæн конференцимæ бацæттæ кодтой докладтæ. Се `ппæтæн дæр сæ темæ уыд Хетæгкаты Къоста: йæ цард, йе сфæлдыстад. Куыстытæ сбастой йæ цардвæндаджы алы къабæзтимæ. Конкурс рæзгæ фæлтæры миддуне кæны уæрæхдæр æмæ хъæздыгдæр. Жюрийы уæнгтæн ахæм хуызы уыд æнцондæр, литературæ æмæ сфæлдыстадмæ æмхиц чи у, ахæм курдиатджын скъоладзауты агурын. Уæвгæ, конкурсы сæйраг нысан дæр уый уыд. Уымæй уæлдай хорз практикæ у ахуыргæнджытæн, сæ хъомылгæнинæгты Къостайы аивадимæ кæй зонгæ кæнынц, уый. Сæ кармæ гæсгæ, сывæллæтты адих кодтой æртæ къордыл; райдиан кълæстæ, астæуккаг æмæ хистæр кары сывæллæттæ. Презентацитæн аргъ сын скодтой жюрийы уæнгтæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Лæвæрттæ радтой йæ хъомылгæнинæгты хорз чи бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнджытæн дæр. Æдæппæтæй Хетæгкаты Къостайы номыл бакастыты сæ курдиат равдыстой 40 адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы сарæзтой Хетæгкаты Къостайы номыл бакастытæ
Категория:
Новости и СМИ