Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ раныхасы фæсидт республикæйы парламентмæ
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ раныхасы фæсидт республикæйы парламентмæ
Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны йæ Хæдбардзинады бон. Официалон æгъдаумæ гæсгæ йæ республикæйы Уæлдæр совет сфидар кодта 1992-æм азы 29-æм майы. Уый размæ та дзы сарæзтой референдум. Уæд республикæйы цæрджыты фылдæр хайы бафæндыд Гуырдзыстонæй хæдбарæй цæрын. Официалон актмæ гæсгæ снысан кодтой хицауады хъæугæ институттæ. 29-æм май Хуссар Ирыстоны у фæлладуадзæн бон. Абон 11 сахатыл республикæйы цæрджытæ æмæ Парламенты раз фыццаг хатт раныхас кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан. Кадджын мадзалы архайдтой цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ дæр. Тускъаты Иаймураз арфæ ракодта республикæйы цæрджытæн.