9 милуан сомы аргъæн æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ арвитдзæн Дауыраты Виталий
9 милуан сомы аргъæн гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ арвитдзæн меценат Дауыраты Виталий. Хæрзгæнæгæн æппыæдзух ис бастдзинад æфсæддон операцийы архайджытимæ, алкæддæр æй фæзоны ныртæккæ лæппуты æхсызгондæр цавæр æххуыс хъæуы, уый. Фыццаджыдæр цух сты хæдзары хъарм æмæ узæлдæй. Куадзæны бæрæгбоны агъоммæ сын арвыстой минагай аргъуыд айчы æмæ адджын гуылы. Уымæй уæлдай ма нуазыны дон, 200 килограммы дзидза, æмæ, æнæмæнг, ирон чъиритæ. Уæлахизы боны агъоммæ нæ æфсæддонтæ райсдзысты тепловизортæ, генератортæ, æндадзæн аппараттæ æмæ æндæр хъæугæ дзауматæ. Запорожье æмæ Херсоны облæстмæ гуманитарон æххуыс Дауыраты Виталий фæхæццæ кæндзæн йæхæдæг. Знаджы ныхмæ чи æрлæууыд, уыцы хъайтартæн хæрзгæнæг ныр 13-æм хатт æххуыс кæны. Уæзласæн хæдтулгæтæ цы бынатæй араст сты, уый дæр хуымæтæджы нæ равзæрстой, сæ балц райдыдта фыццаг ирон тæхæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Дауыраты Илитæйы цыртдзæвæнæй. Æфсæддонтæн ма радтой сæрдыгон формæйы 160 комплекты æмæ 6 хæдтулгæйы, ныртæккæ уыдонæй уæлдай цух ййафынц. Меценат куыд фæнысан кодта, афтæмæй дарддæр дæр æххуыс кæндзæн нæ фæсивæдæн, цалынмæ Уæлахизимæ сыздæхой уæдмæ. Гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ райсдзысты хæстæгдæр фæлладуадзæн бонты.